Перейти к содержанию

Маммаев, Мисрихан Маммайы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мисрихан Маммайы фырт Маммаев
Райгуырды датæ 1937-æм азы 28 ноябры(1937-11-28) (86 азы)
Райгуырæны бынат
Зонады къабаз археологи[d], истори æмæ аивадзонæн[d]
Куысты бынат УЗА ДФИЦ Истории, археологи æмæ этнографийы институт
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн историон зонæдты доктор[d]

Маммаев Мисрихан Маммайы фырт (райгуырдис Кубачийы 1937-æм азы 28 ноябры) у археолог, историк, аивадзонæны доктор, Дагъистайнаг зонадон центры Истори, археологи æмæ этнографийы институты сæйраг зонадон кусæг, уыцы институты зонадон советы уæнг, Республикæ Дагъистаны зонады сгуыхт архайæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

1955 азы Мисрихан Маммаев каст фæци астæуккаг скъола.

1953 азæй ахуыр кодта зæрингуырды дæсныйад Кубачийы зæрингуырдты артель «Нывгæнæджы» (ныртæккæ Кубачийы аивадон комбинат). Йæ ахуыргæнæг дзы уыдис йæ фыд Мамма Маммаев, стæй та зындгонд дæсны, Дагъистаны АССР-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Репины номыл УСФСР-йы паддзахадон премийы лауреат Г. Г. Чабкаев.

1955-57 азты уыцы артелы куыста зæрингуырдæй.

1957-æм азæй ахуыр кодта Дагъистаны паддзахадон университеты историон факультеты, кæцы каст фæци æнтыстджынæй 1962-æм азы.

Университет каст фæуыны фæстæ куыста Истори, æвзаг æмæ литературæйы институты (ныртæккæ у Уæрæсейы зонæдты академийы Дагъистайнаг зонадон центры Истори, археологи æмæ этнографийы институт). Кæстæр зонадон кусæгæй райдыдта, фæлæ фæстæдæр сси Археологийы хайады сæргълæууæг, хистæр зонадон кусæг.

Мисрихан Маммаев джиппæй рауагъта 170 зонадон куыстæй фылдæр, уыдоны ’хсæн 8 монографийы.

1971-æм азы уый бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци рагастæузаманы Дагъистаны дæсныйæдты тыххæй.

1962-æм азы архайдта Ботлихы цæрæнраны къахæнты, Хунзахы районы иртасæнты, стæй бирæ азты дæргъы Дагъистаны æндæр æмæ æндæр районы археологон иртасæнты дæр.

1992-æм азы Мисрихан Маммаев бахъахъхъæдта докторы диссертаци Дагъистаны аивады тыххæй[1].

Сæйрагдæр уацмыстæ

[ивын | Бындур ивын]
  • «Декоративно-прикладное искусство Дагестана: Истоки и становление». — Махачкала, 1989 г.
  • «Энциклопедия мировой культуры» (Том VI. Бостон. США, 1994. — Статья «Кубачинцы» на англ. яз.)
  • «Народы России. Энциклопедия» (М.: Изд-во «Большая Российская энциклопедия», 1994
  • «Народы и расы мира. Энциклопедия» (М.: Изд-во «Большая Российская энциклопедия», 1997)
  • «Искусство резьбы по камню в Дагестане». Махачкала, 1999
  • «Ислам и исламская культура в Дагестане» (М., 2001)
  • «Народные художественные промыслы и декоративно-прикладное искусство Дагестана». Махачкала, 2001
  • «Народы Дагестана» (М., 2002) большой серии под названием «Народы и культуры»[2]
  • «История и искусство» (Махачкала, 2003. — 19 п.л. Соавторы Г. М. Гусейнов, А. Магомедов, С. Исрапилов)
  • «Энциклопедия культур народов Юга России. Т. 1. Народы Юга России» (Ростов-на-Дону, 2005)
  • «Очерки по истории и культуре» (Махачкала, 2005. — 20,3 п.л.)
  • «Искусство Зирихгерана — Кубачи XIII—XV вв. и его место в системе художественных культур Востока и Запада». Махачкала, 2014[3].

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]